Публикация авторского материала: «Сценарий развлечения для подготовительной группы на осетинском языке «Старый, новый год»». автор Гогаева Рита тамразовна
Сценарий развлечения для подготовительной группы на осетинском языке «Старый, новый год». Работа №250968
Отзывы о статье
Оглавление
- Влияние национальных традиций в образовании
- Содержание сценария «Старый, новый год»
- Преимущества использования сценария
- Как опубликовать свой методический материал
- Отзывы и примеры использования
- Заключение
Влияние национальных традиций в образовании
Тема сценария «Старый, новый год» актуальна в образовании, поскольку способствует укреплению национальной идентичности и развитию у детей интереса к осетинской культуре и языку. Согласно ФГОС дошкольного образования, приоритетами являются формирование культурной самобытности и межнациональной компетентности с раннего возраста. Включение национальных традиций в образовательный процесс помогает создать условия для всестороннего развития детей, а использование осетинского языка в игровых сценариях способствует его поддержанию и развитию.
Содержание сценария «Старый, новый год»
Работа «Сценарий развлечения для подготовительной группы на осетинском языке «Старый, новый год»» соответствует требованиям ФГОС, включая развитие коммуникативных и игровых компетенций, а также стимулирование межкультурной деятельности. Согласно данным Минпросвещения, 82% педагогов используют современные методики в работе с малыми группами. Особенно актуальна в условиях модернизации образования и интеграции национальных культур. Такой сценарий способствует формированию этнокультурной идентичности, улучшает коммуникативные навыки и соответствует современным образовательным трендам.
Преимущества использования сценария
Практическая значимость работы очевидна для детских садов, обеспечивая реализацию новых стандартов воспитания.
Как опубликовать свой методический материал
- Выберите актуальную тему – например, сценарий развлечения для подготовительной группы на осетинском языке.
- Подготовьте статью – наши методисты с радостью помогут вам с оформлением.
- Опубликуйте материал на портале – разместите на сайте.
- Получите свидетельство о публикации – убедитесь в экспертной оценке вашей работы здесь.
Опубликовать свой материал можно как на сайте, так и в печатном сборнике. Закажите авторский экземпляр здесь. Получить свидетельство о публикации авторского материала вы можете, перейдя по этой ссылке.
Отзывы и примеры использования
Проблема: Наталья Ивановна, педагог начальных классов, нуждалась в подтверждении своих методических разработок для успешной аттестации и профессионального роста.
Действие: Она опубликовала свою методическую разработку «Игровые технологии развития мотивации у младших школьников» на платформе solncesvet.ru. После прохождения экспертного рецензирования, педагог получила свидетельство о публикации, что стало важным шагом для её профессионального признания.
Результат: Это свидетельство помогло Наталье Ивановне успешно пройти аттестацию на высшую категорию без дополнительных справок, а также внедрить новую методику в работу с коллегами, что повысило результаты обучающихся и укрепило авторитет педагога. «Публикация на solncesvet.ru дала мне уверенность и признание коллег», — отмечает педагог.
Заключение
В заключении хотелось бы отметить важность создания познавательных и развлекательных сценариев для младших детей. Такие материалы помогают расширять кругозор малышей, формировать интерес к традициям и культуре. Использование родного языка в образовательных играх способствует сохранению национальных ценностей и развитию языка у подрастающего поколения. Надеемся, что представленный сценарий «Старый, новый год» на осетинском языке станет полезным инструментом для педагогов в проведении ярких и запоминающихся мероприятий с малышами.
Зӕронд Ног азы бӕрӕгбон (сценарий развлечения для подготовительной группы на осетинском языке «Старый, новый год»)
Сценари бацӕтӕ кодта ирон ӕвзаджы хъомылгӕнӕг:
Гогаты Рита
Уӕ бон хорз нӕ чысыл хуртӕ!
Дзӕбӕх нын ут, нӕ буц хистӕртӕ!
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд! Фарны къах та нӕм ӕрбавӕрдта нӕ арфӕйагдӕр, рӕсугъддӕр бӕрӕгбӕттӕй иу – Ног аз.
Зӕрдиаг арфӕ уын кӕнын, цӕмӕй уын Ног аз ӕнӕниздзинад, ӕнӕмаст цард ӕрхӕсса. Мӕнӕ ма ӕрбакӕсут, цас дзӕбӕх сывӕллӕттӕ нӕм ӕрбамбырд. Ӕз уӕм фӕдзырдтон, цӕмӕй мӕнӕ ацы рӕсугъд Ног азы ӕрлӕудыл мах иумӕ фӕцин кӕнӕм!
Ног азы ралӕудыл мах иууылдӕр стырӕй, чысылӕй, хистӕрӕй, кӕстӕрӕй, алы афӕдзы райдайӕны дӕр фӕцин кӕнӕм зӕрдӕйӕ ӕмӕ не скӕнӕг иунӕг кадджын Хуыцауӕй, зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕй фӕкурӕм, цӕмӕй нӕ дидинӕгкалӕг зӕххыл уа сабырдзинад, дунейы цӕрӕг адӕмтӕ кӕрӕдзиимӕ цӕрой хӕларӕй, ӕнгомӕй ӕмӕ амонды хуры тынтӕй рӕвдыд уӕм не ппӕт дӕр.
(Сывӕллӕттӕ лӕууынц тымбыл зылды ӕмӕ зарынц)
Зарӕг « Заз бӕлас »
Ӕрзади хъӕды заз бӕлас,
Ӕрзади хъӕды рӕзт.
Сӕрдӕй, зымӕгӕй цъӕх пӕлӕз
Йӕ уӕлӕ уыд ӕмбӕрст.
Тымыгъ ын кодта зарджытӕ:
«Лолотӕ кӕн, фынӕй!»
Ныуӕрста - иу ӕй миты бын,-
Нӕ басийа цӕмӕй.
Тӕппуд тӕкку - иу хъазыди
Йӕ быны цинӕй рад.
Куы та-иу бирӕгъ, цъӕх бирӕгъ
Йӕ рӕзты сиргӕ руад.
Фӕлӕ йыл иу бон бамбӕлди
Хъӕддзау ӕмӕ йӕ раст
Йӕ тӕккӕ бынӕй акалдта-
Ӕрфӕлдӕхта ӕваст.
Ӕрласта йӕ бӕхдзоныгъы,
Кӕнӕм ыл иумӕ цин,
Ӕрцауыгътам ыл хъазӕнтӕ
Ӕппӕты къаддӕр мин.
Ӕмхуызонӕй нӕ зарджытӕ
Кӕнӕм йӕ алыварс.
Нӕ бӕрӕгбон ысфидыдта,-
Дӕуӕй нӕ Заз бӕлас.
Хъомылгӕнӕг: Сабитӕ, Ног аз нӕм ӕрцыди. Нӕ заз бӕлас дӕр лӕууы.
Рӕсугъд у? Тынг дзӕбӕх арӕзт у, фӕлӕ нӕм чидӕр нӕма
ӕрбацыди. Ӕмӕ нӕм чи хъуамӕ ӕрбацӕуа?
Сывӕллӕттӕ: Митын Дада.
Хъомылгӕнӕг: Ӕмӕ нӕм цӕмӕндӕр нӕ цӕуы. Куыд ӕм фӕдзурӕм?
Сывӕллӕттӕ: Азарӕм ын ӕмӕ нӕм тагъддӕр ӕрбацӕуа.
Зымӕг, зымӕг ралӕууыд,
Ног аз нӕм ӕрцыд.
Митын Дада сабыргай,
Урс хӕхтӕй ӕрцыд.
Митын Дада, Митын Дада - рацу, рацу махмӕ.
Митын Дада, Митын Дада – рахӕс нын лӕвӕрттӕ.
( Митын Дада, Митын Дада – рацу ма, рацу ма).
(Дуарӕй ӕрбагӕпп кодта Къулбадӕг ус Митын Дадайы дарӕсы, йӕ къухы Митын Дадайы лӕдзӕг).
Къулбадӕг Уӕ бон хорз, къулбадджытӕ. Ныр та ӕз дӕн Митын Дада, ӕз!
ус Ӕрбакӕсут ма мӕм, цы рӕсугъд дӕн, хуртӕ ӕмӕ мӕ мӕйтӕ
кӕсы.
Мӕнӕ мӕ лӕдзӕг! Мӕнӕ адон сты мӕ лӕвӕрттӕ (гом кӕны
голлаг, сисы дурӕхсӕн, дур, дамбаца, кард).
Мӕнӕ дурӕхсӕн, амӕй хъӕуы цъиуты марын.....
(Къулбадӕг усы ныхӕстӕм ӕрбагӕпп кодта рувас).
Рувас: Фӕдис, фӕдис!
Ма йӕм хъусут, сайгӕ уӕ кӕны!
Ай Митын Дада нӕу, ай Къулбадӕг ус у!
Къулбадӕг Афтӕ ма фӕлӕу афтӕ! Уый та цы дзурыс хинӕйдзаг!
ус (Сабитӕм дзуры). Ма йӕм хъусут, рувас рагӕй хин у,
фӕлитой. Ныртӕккӕ дын ӕз дӕ бур хъуынтӕ иугай – дыгай
ныттондзынӕн. (Расур – басур кӕны рувасы).
Хъомылгӕнӕг: Фӕлӕуут ма гыццыл. Цы ӕрцыдис, уый ма мын бамбарын
кӕнут.
Рувас: Цы ӕрцыдис, цы ӕрцыдис!
Куыд цы ӕрцыдис! Мӕхи дыууӕ цӕстӕй йӕ федтон Къулбадӕг ус
йӕ уисойӕ хъӕды къахфӕндӕгтӕ сымхӕццӕ кодта ӕмӕ Митын
Дадайӕн йӕ лӕдзӕг байста. Ныр Митын Дада бынтон хъӕды
фӕдзӕгъӕл уыдзӕн.
Къулбадӕг Тынг хорз у, кӕй фӕдзӕгъӕл уыдзӕн уый, амӕй фӕстӕмӕ
ус ӕз уыдзын Митын Дада.
Уӕдӕ алы аз дӕр ууыл цин кӕнат? Сывӕллӕттӕ,
ӕрбакӕсут ма мӕм, хорз Митын Дада нӕ дӕн?
Сывӕллӕттӕ: Нӕ - ӕ - ӕ! Нӕ дӕ!
Къулбадӕг (Рамӕсты).
ус Хорз! Уӕдӕ уӕ кӕд нӕ фӕнды цӕмуын ӕз уон Митын Дада,
уӕд уын ӕз фенын кӕндзынӕн бӕрӕгбон. Айсут мӕнӕ уӕ
лӕдзӕг дӕр, ай дӕр мын ницы баххуыс кодта, сымах та
ӕппындӕр никуыуал фендзыстут Митын Дадайы.
(Къулбадӕг ус ацыди).
Хъомылгӕнӕг: Цӕй уӕдӕ ныр цы кӕнӕм, сабитӕ? Куыдӕй ма
Фӕхӕццӕ кӕнӕм Митын Дадайы нӕ бӕрӕгбонмӕ?
Сывӕллон дзуры: Цӕмӕй Митын Дада ӕрбацӕуа, уый тыххӕй йын йӕ
лӕдзӕгӕй ӕртӕ хаты ӕрхойын хъӕуы ӕмӕ ӕртӕ хаты
хъӕрӕй фӕдзурын хъӕуы:
Митын Дада, Митын Дада - рацу, рацу махмӕ!
Митын Дада, Митын Дада - рахӕс нын лӕвӕрттӕ!
Митын Дада, Митын Дада - рацу, рацу махмӕ!
(Митын Дада ӕрбацӕуы)
Митын Дада: Ӕрбацыдтӕн, - ӕрбацыдтӕн!
О! О! Фӕцӕуын уӕм, фӕцӕуын.
(Митын Дада заргӕ ӕрбацӕуы)
Ногӕй та зымӕг ӕрбацыдис,
Ногӕй та Ног аз ӕрхӕццӕ ис,
Сабитӕн сарӕзтой заз бӕлас,
Урс Дада сабитӕм ӕрбацыдис.
О – о – о – о – о – о – о – о.
Сабитӕн сарӕзтой заз бӕлас
Урс Дада сабитӕм ӕрбацыдис.
Уӕ бон хорз мӕ чысыл хуртӕ!
Мӕнӕ цас гыццыл, дзӕбӕх, рӕсугъд чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ ӕрӕмбырд ис!
Базыдтат мӕ? (О).
Чи дӕн? (Митын Дада).
Мӕнӕ ацы гыццыл чызг та чи у? (Митын чызг).
Сымах Дадайы хуртӕ стут, Дадайы хуртӕ.
Ӕз тынг бафӕлладтӕн, сывӕллӕттӕ. Хъӕды мыл Къулбадӕг ус амбӕлд ӕмӕ мын мӕ сӕр разилын кодта, мӕ лӕдзӕг мын байста ӕмӕ мынйӕ уисой мӕ къухы фӕсахта.
Мӕнӕ кӕм ис мӕ лӕдзӕг?! Куыд ӕнхъӕл дӕн, афтӕмӕй Къулбадӕг ус мӕ разӕй фӕцис.
Сывӕллӕттӕ, уӕ заз бӕлас дӕр диссаджы рӕсугъд арӕзт у. Ӕз уын ӕй куы ӕрбарвыстон. Ама уӕдӕ нӕ заз бӕлас дӕр ссудзӕм.
Иу – дыууӕ – ӕртӕ – заз бӕлас ссудз.
(Ӕмдзӕгъд кӕнынц сабитӕ)
Митын чызг: Уӕ бон хорз сабитӕ!
Мӕнӕ цы рӕсугъд стут. Ӕмӕ уӕ Митын Дадаимӕ ахъазын
Нӕ фӕнды?
- О, фӕнды.
Йемӕ уӕдӕ ахъазут.
Митын Дада: Йемӕ хорз. Ахӕм хъазт зонут? Уӕ къухтӕ хъахъхъӕнын
зонут? Хъуамӕ уӕ къухтӕ ӕмбӕхсгӕ кӕнат, цӕмӕй сӕм ӕз
ма бавналон. Кӕмӕ бавналон, уый нысскӕндзинӕн. Сымах
та уӕхи хъахъхъӕнут. Слӕуут мА уӕдӕ ӕмӕ райдайӕм нӕ
хъазт.
Хорз ахъазыдыстӕм, уӕдӕ.
Цӕй мӕ гыццыл хуртӕ, исты нын ӕрцӕттӕ кодтат: ӕмдзӕвгӕтӕ, зарджытӕ ӕмӕ кафын дӕр зонут? (О).
Ӕмӕ уӕ мах ныртӕккӕ фендзыстӕм.
Хъомылгӕнӕг: Митын Дада, ӕрбад, аулӕф.
Мах дӕм тынг ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм ӕмӕ дын де рцыдмӕ
бацӕттӕ кодтам ӕмдзӕвгӕтӕ, зарджытӕ, кӕфтытӕ,
арфӕтӕ, хъӕстытӕ ӕмӕ аргъауы инсценировкӕ.
Дӕ хорзӕхӕй, бакӕсӕм ма сӕм!
Симд
Арфӕтӕ
Ног азы бӕрӕгбоны фӕдыл уын кӕнӕм зӕрдиаг арфӕтӕ. Ног аз уӕм ног хӕрзтимӕ ӕрбалӕууӕд. Алы хатт дӕр рӕстфӕндаг куыд уат ӕмӕ ӕнӕнизӕй уӕ хъарм хӕдзӕрттыл куыд ӕмбӕлат.
Ног азы арфӕтӕ нӕ зынаргъ ныййарджытӕн. Ӕнӕниздзинад, ӕнӕмаст цард ӕмӕ сабырдзинад уӕ хай. Фидӕн аз уын хорз хабӕрттӕ, амонд ӕмӕ цинтӕ хӕссӕг фӕуӕд! Цардӕй макуы бафӕлмӕцут, афтӕмӕй уӕнгрогӕй ӕнусы сӕрты акӕсут.
Ног аз суӕд алкӕмӕн дӕр амонды ӕмӕ бӕллицтӕ сӕххӕст кӕныны аз. Уӕ фарныл – фарн, уӕ кадыл – кад ӕфтӕд, афтӕмӕй уӕ алчи ӕнчй йӕ ӕнусы сӕрты акӕсӕд зӕрдӕрухс ӕмӕ бӕркадкъухӕй.
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд!
(Дарддӕр бакӕсӕм нӕ сывӕллӕтты уӕздан кафт «Хонгӕ» кафт мӕ)
« Хонгӕ »
Хъомылгӕнӕг: Митын Дада, дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд нӕ сабиты кафт?
Митын Дада: Тынг хорз, тынг! Бузныг уын. Мӕ зӕрдӕ мын тынг
бахъӕлдзӕг кодтат. Ӕз зӕронд дӕн, фӕлӕ уӕддӕр уарзын
иу хъазт, хуыйны «Миты къуыбылӕйттӕй хъазт».
Фӕнды уӕ ахъазын мемӕ? (Фӕнды).
Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, Митын Дада тынг бафӕллад. Митын Дада
сбад ӕмӕ дӕ фӕллад суадз. Мах та дын дарддӕр дзурӕм
не мдзӕвгӕтӕ.
Ӕмдзӕвгӕтӕ
« Ног аз »
Алы бон цӕут ӕгас,
Митын Дада, наз бӕлас!
Ног аз нӕм ӕрцыд уӕ фӕрцы
Урс – урсид бӕмбӕгджын кӕрцы.
Алкӕмӕн нӕ хуын ӕрхаста
Аив хуыд дзӕкъулы бастӕй.
Кафӕм, зарӕм, хъуысы дард
Цины хъӕр, фӕндыры цагъд!
« Ног аз »
Мит ыставд тъыфылтӕй уары,
Ног аз хъӕлдзӕгӕй ӕрцыд.
Хъазӕнтӕй та заз фӕйлауы,
Сабитӕ кӕнынц ӕмбырд.
Ног та зарӕг дарлмӕ хъуысы:
«Амондджын фӕуӕд нӕ аз!»
Нал та ис кӕрон, нӕ сысы
Цинад заз бӕласы раз.
Алкӕйы цӕхӕр цӕстытӕй
Рттивы взонгдзинады рухс.
Митын Дадайы лӕвӕрттӕй
Чызджытӕ, лӕппутӕ – буц.
« Заз бӕлас »
Уазал у нӕ зазӕн
Зымӕджы ӕддӕ
Махмӕ йын хъарм бынат
Агъуысты цӕттӕ.
Симӕм йӕ алыварс
Аразӕм нӕ къах.
Хъӕлдзӕгӕй Ног азыл
Сӕмбӕлдзыстӕм мах.
Бирӕ ис хъазӕнтӕ
Бӕласыл зӕбул.
Заз бӕлас сӕ уӕзӕй
Зӕххы рдӕм ӕркъул.
* * *
Адӕм сыстадысты раджы
Митӕй байдзаг ис нӕ кӕрт.
Уӕртӕ урс Дада ӕрбацыд
Йемӕ рбахаста лӕдзӕг.
Байрай, урс – Дада – хӕрзгӕнӕг!
Хорзӕн де рбацыд фӕуӕд!
Дунейы фӕрныг дзыллӕтӕ
Алкӕд сабырӕй цӕрӕнт.
* * *
Карз зымӕг ӕрхӕццӕ
Бӕлӕстӕ сты гом.
Скӕнут дарӕс хъармдӕр
Ӕмӕ хъазгӕ цом.
Зымӕджы тымыгътӕм
Мыртгӕ сси хӕрзад.
Акӕсут – ма дӕттӕм
Алкӕцы дзы – салд.
* * *
Ног аз ныл ӕрцыди,
Иумӕ цин кӕнӕм.
Ног стъалы ссыгъди,
Иумӕ йӕм кӕсӕм.
Цин кӕны нӕ бӕстӕ,
Цин кӕнын ӕз дӕр.
Ног азӕн йӕ хӕрзтӕ,
Зӕрондӕй фылдӕр.
* * *
Урс миты хъӕпӕнтӕ
Дардмӕ сайынц цӕст.
Зымӕджы кӕлӕнтӕ
Алы ран ӕмбӕхст.
Мӕнӕ бамыр бӕстӕ
Цъиу ызмӕлӕг нӕй.
Тар хъӕды бӕлӕстӕ
Баисты фынӕй.
Миты пух хъӕпӕнтӕ
Алырдӕм хӕссы.
Махӕн дӕр нӕ кӕрты
Урс гобан хуыссы.
Дзоныгътӕ цӕттӕ сты
Ахуырстӕй лӕууынц.
Иу чысыл, дам, уынгты
Атӕхӕм – зӕгъынц.
Хъомылгӕнӕг: Митын Дада, бакӕс- ма, ныртӕккӕ уын нӕ сывӕллӕттӕ
акӕндзысты инсценировкӕ аргъау «Тымбылӕг».
Аргъау «Тымбылӕг»
Зонынц хистӕртӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ
Царди ӕмӕ уыди ацы зӕххы къорийыл
Цӕстуарзон аргъау «Тымбылӕг»
Сырхварс-Тымбылӕг.
Заз бӕласы бӕрӕгбоны аргъау нӕ фӕвӕййы
Ацы заз бӕласы раз абон аргъау дзурӕм дарддӕр.
(Тымбылӕг музыкӕмӕ рацӕуы)
Тымбылӕг: Ӕз дӕн хъӕлдзӕг Тымбылӕг
Сырхварс-Тымбылӕг.
Ӕз дӕн ӕхсыры сӕрты змӕст,
Рудзынгыл мӕ ӕруазал кодтой.
Ӕмӕ абон рӕвдауӕндонмӕ заз бӕласмӕ
Ӕз сывӕллӕттӕм хуынд дӕн.
(Тымбылӕг атылди заз бӕласы алыварс музыкӕмӕ)
Хъомылгӕнӕг: Къахфӕндагыл уый тылди
Рӕвдауӕндонмӕ заз бӕласмӕ тагъд кодтон
Уалынмӕ зӕронд заз бӕласы цур
Сӕмбӕлдтӕн бирӕгъыл.
Бирӕгъ: Дӕ бон хорз, зындгонд Тымбылӕг!
Ды кӕдӕм тагъд кӕныс ме мбал?
Хъомылгӕнӕг: Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,
Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ
Бирӕгъ: Ӕз райсомӕй нырмӕ ницы хордтон,
Мӕнӕ дӕу ныртӕккӕ бахӕрдзынӕн.
Тымбылӕг: Цӕй, ды бирӕгъ ма тагъд кӕн!
Уазӕгуатмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сывӕллӕттӕ,
Ӕрбацу абон сывӕллӕттӕм,
Ног аз мах иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм!
Бирӕгъ: Цӕй бузныг, тынг хъӕлдзӕг дӕн!
Ӕз ӕрбацӕудзынӕн заз бӕласмӕ рӕвдауӕндонмӕ!
(Бирӕгъ ацыд заз бӕласы фӕстӕмӕ)
Хъомылгӕнӕг: Атылди тымбылӕг дарддӕр фӕндагыл.
Тулы-тулы ӕмӕ йӕ размӕ тымбылӕгмӕ - арс лӕгӕтӕй.
Арс: Дӕ бон хорз, зындгонд Тымбылӕг!
Ды кӕдӕм тагъд кӕныс, ме мбал?
Тымбылӕг: Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,
Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ.
Арс: Ӕз райсомӕй нырмӕ ницы хордтон,
Мӕнӕ дӕу ныртӕккӕ бахӕрдзынӕн!
Тымбылӕг: Нӕ, мӕнмӕ ме мбӕлттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц!
Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,
Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ.
Ӕрбацу абон сывӕллӕттӕм,
Ног аз мах иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм!
Арс: Ӕнӕмӕнг ӕрбацӕудзынӕн ӕмӕ мӕ лӕппыны дӕр ӕрбакӕндзынӕг!
(Арс ацыд)
Хъомылгӕнӕг: Атылди тымбылӕг дарддӕр фӕндагыл,
Тулы-тулы, уыны, гӕппытӕ кӕны хъӕды урс тӕрхъус.
Тӕрхъус: Дӕ бон хорз, зындгонд тымбылӕг!
Ды кӕдӕм тагъд кӕныс, ме мбал?
Тымбылӕг: Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,
Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ.
Ӕрбацу абон сывӕллӕттӕм,
Ног аз мах иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм!
Тӕрхъус: Ура! Мах тӕрхъусты нӕ ферох кодтой!
Мах заз бӕласмӕ ӕрбахуыдтой!
Тӕрхъусты зарӕг
Митыл бадынц урс тӕрхъустӕ,
Тилынц тӕрхъустӕ сӕ хъустӕ,
Мӕнӕ афтӕ, мӕнӕ афтӕ
Тилынц тӕрхъустӕ сӕ хъустӕ.
Сӕ гӕккытӕ басыдысты –
Тӕрхъустӕ ӕркафыдысты.
Мӕнӕ афтӕ, мӕнӕ афтӕ
Тӕрхъустӕ ӕркафыдысты.
Тӕрхъустӕ кӕнынц гӕппытӕ,
Гӕпп, гӕпп, гӕпп, гӕпп, гӕпп, гӕппытӕ,
Мӕнӕ афтӕ, мӕнӕ афтӕ
Тӕрхъустӕ кӕнынц гӕппытӕ.
Уалынмӕ фӕзынди бирӕгъ,
Нӕ тӕрхъустӕ фесты лидзӕг,
Мӕнӕ афтӕ, мӕнӕ афтӕ
Нӕ тӕрхъустӕ фесты лидзӕг.
(Рацӕуы рувас)
Рувас: Ӕз ныртӕккӕ сымах иууылдӕр ӕрцахсдзынӕн
Мӕнӕ дӕу, зылындзаст, райсдзынӕн дӕ мӕхицӕн хӕдзармӕ!
(Сырдтӕ алыгъдысты ӕмӕ бандӕттыл сбадтысты, рувас та тӕрхъусимӕ ацыдысты заз бӕласы фӕстӕмӕ)
Хъомылгӕнӕг: Никӕмӕй хинӕйдзаг рувас нӕ тӕрсы. Чи нын баххуыс
кӕндзӕн тӕрхъусы фервӕзынкӕнынмӕ? Ӕвӕццӕгӕн
Митын Дада?
Митын Дада, чи зоны, ды нын баххуыс кӕнай ӕрбакӕнын
Тӕрхъусы? Науӕд нын хинӕйдзаг рувас нӕ тӕрхъусы
Аласта йӕхимӕ хъӕдмӕ.
Митын Дада: Куыд нӕ уын баххуыс кӕндзынӕн!
Ныртӕккӕ ӕз тымыгъ сисдзынӕн,
Бӕлӕстӕ уӕхи ныггуыбыр кӕнут,
Цыдӕриддӕр ис мӕ хъӕды,
Урс мирӕй уӕ байдзаг кӕндзынӕн.
(Хъуысы тымыгъы фонограммӕ. Митын Дада йӕ къухтӕ йӕ былтӕм бакӕны ӕмӕ заз бӕласыл фу кӕны)
(Рувас ралидзы)
Рувас: Уӕй, уӕй, Митын Дада,
Ныссӕлын мын кодтай ды мӕ фындз!
(Сывӕллӕттӕм дзуры)
Сымах рувасӕн фӕтӕригъӕд кӕнут,
Бурхилы дзӕмбытӕ схъарм кӕнут.
Митын Дада: Ды ма тӕрхъусы смӕсты кӕндзынӕ? (Нӕ).
Куыд хъуыды кӕнут сывӕллӕттӕ, фӕтӕригъӕд кӕнӕм
рувасӕн? (О).
Бауадзӕм ӕй Ногбоны заз бӕласмӕ? (О).
Ды дӕр тӕрхъус махимӕ баззай бӕрӕгбоны.
Хъомылгӕнӕг: Митын Дада, сбад ӕмӕ уал аулӕф. Ныр та байхъусӕм нӕ
Сывӕллӕтты ӕмдзӕвгӕтӕм.
« Ног аз »
Ног аз махмӕ хъӕлдзӕгӕй,
Рбавӕрдта йӕ къах.
Митын Дада лӕдзӕгӕй
Рхоста уӕлӕ рагъ.
Цас у ныр мӕ циндзинад,
Уымӕн нӕй зӕгъӕн!
Зӕрдӕ цинӕй – йемыдзаг,
Амонд бацыд мӕн.
Калы арв ӕрттывдтытӕ
Бӕстӕ ссис тӕмӕн.
Амонды цӕстысыгтӕ
Бацагайдтой мӕн.
Ног азы дзӕнгӕрджытӕм,
Ды мӕн хуызӕн хъус.
Фарн нӕ Иры цӕрджытӕн
Не рхӕсдзысты цъус.
« Заз бӕлас »
Абон та циндзинад зӕрдӕтыл хизы,-
Урсфӕрдыг стъалы нӕ сӕрмӕ ыссыгъд.
Цинӕфсӕст заз бӕлас рухс фарнӕй ризы,
Ногӕй та зӕрдӕтӕм Ног аз ӕрцыд.
Ног азы амондӕн зарджытӕ систӕм,
Ноджы рӕсугъддӕр куыд кӕна нӕ цард.
Заз бӕлас – зӕрдӕты цины ӕвдисӕн,-
Раттӕм кӕрӕдзийӕн уарзондзинад.
Дун - дуне абон йӕ цинтимӕ мах у,
Заз бӕлас – цинхӕссӕг – дардмӕ кӕсы.
Ме мбӕстаг, ме мзӕххон, хъӕлдзӕгӕй бахуд,-
Ног аз нын уарзонау амонд хӕссы.
Цинӕфсӕст заз бӕлас махимӕ кафы,
Цины цырӕгътӕй – йӕ бахудт, йӕ каст,
Алчидӕр райсдзӕни Ногбоны арфӕ,
Базондзӕн алчидӕр цин ӕмӕ уарзт.
« Заз »
Ног азмӕ сфӕлдыстам
Диссаджы заз.
Уӕртӕ - ма: сабитӕй
Байдзаг йӕ раз.
Кафӕм мах й алыварс,
Гъӕтт – мардзӕ, цырд!
Уалынмӕ Митын лӕг
Худгӕ фӕзынд.
Бадзуры зачъеджын:
Фӕдджи рӕвдз дар!
Алкӕмӕн хордзенӕй
Сисы лӕвар.
Ратта мын замманай
Атомон нау,
Науыл ӕрзилдзынӕн
Фурды лӕгау.
« Нӕ наз бӕлас »
Нӕ цъӕх наз бӕлас,
Кӕцӕй фӕзындтӕ!
Нӕ зӕрдӕ барухс
Дӕ конд, дӕ уындӕй.
Бӕрӕгбон хуыз дӕ,
Рӕсугъд – дӕ арӕзт,
Ӕрттивагджынтӕй
У ныр дӕ дарӕс.
Дӕ фӕрдгуытимӕ
Куыд хорз фидауыс!
Дӕ хъазӕнтимӕ
Цӕхӕртӕ калыс.
Чызгӕй лӕппуйӕ
Дӕ фӕрсты зилӕм,
Кӕрон дӕр нал ис
Нӕ хъазт, нӕ цинӕн.
Ӕгас ӕрцӕуай,
Нӕ цъӕн наз бӕлас!
Ды нӕм ӕрсайдтай
Хъӕлдзӕгӕй Ног аз.
« Зымӕг »
Чи сахуырста ссадӕй
Хӕхтӕ ӕмӕ хъӕд?
Чи йӕ ныппырх кодта
Уӕрӕх фӕзты уӕд?
Уый ыссад нӕ байтыд,
Фӕлӕ та нӕм тагъд
Фаронау йӕ рады
Хъал зымӕг ӕртахт.
Урсзачъе зӕронд лӕг
Урс бӕхӕй ӕрхызт,
Йемӕ нын ӕрхаста
Зымӕджы фӕлыст.
Рудзгуытыл ныффыста
Диссаджы нывтӕ,
Иу къухӕй ӕрцагъта
Бӕлӕсты сыфтӕ.
* * *
Ног аз, Ног аз, фӕрнӕйдзаг Ног аз,
Хӕссыс нын ног цин, хӕссыс нын ног уарзт,
Хӕссыс нын амонд, хӕссыс нын арфӕ
Дӕ уарзт рӕвдыдӕй мах зарӕм, кафӕм.
* * *
Ӕрхӕццӕ Ног аз дард бӕстӕй ӕрттивгӕ,
О, рацу мидӕмӕ уӕндонӕй!
Дӕ къах нӕм фарнимӕ ӕрбавӕр
Дӕуыл мах цин кӕнӕм ӕмзондӕй.
Ӕрбацу рӕвдздӕр алкӕйы хӕдзармӕ
Ӕрхӕс нӕм бирӕ амонды хӕзнатӕ-
Ӕрмӕст - иу зӕронд азы ма фау!
* * *
Заз бӕлас, заз бӕлас
Алы аз нӕм цу ӕгас
Бирӕ уарзынц сабитӕ
Дӕ цъӕх-цъӕхид къалиутӕ.
Митын Дада, мах дӕ уарзӕм
Алы бон нӕм цу ӕгас.
Бирӕ уарзынц сабитӕ
Дӕ дзӕкъулы адджынтӕ.
* * *
Зымӕг, карз зымӕг
Хӕхтӕй рауырдыг.
Хурты хурзӕрин
Махмӕ нал уӕнды.
Тар фӕнык хуыз арв
Хуры бамбӕхста.
Мит гӕлӕбутӕй
Бӕстӕ бамбӕрзта.
* * *
Зымӕг нын ӕрхаста,
Зазы къалиу фарнӕй.
Митын лӕг ныссагъта,
Урс фӕзӕн йӕ астӕу.
Хъазӕм мах йӕ цуры-
Зарджытӕ фӕкӕнӕм.
Митлӕгмӕ фӕдзурӕм
Йӕ алыварс фӕкафӕм.
* * *
Азы фӕдыл уайы аз
Амонд ӕмӕ хорзӕхӕн.
Цас дӕ уарзӕм, Ногбон, цас,
Уый нын нӕу ӕнцон зӕгъӕн!
Тынг фӕмысыдыстӕм дӕу
Рухс уалдзӕгӕй уазалтӕм.
* * *
Зӕронд аз махӕй фӕндараст
Ног аз нӕм буцӕй цӕуӕд.
Ног азы хур нӕм ӕрбакаст
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд!
Хъомылгӕнӕг: Митын Дада, дӕу тыххӕй дӕр азардзыстӕм зарӕг.
Азарыдыстӕм « Заз бӕласӕн », « Тӕрхъустӕн » ныр та
дӕу тыххӕй азардзыстӕм, байхъус нӕм, дӕ хорзӕхӕй.
Зарӕг « Митын Дада »
Митын Дада, Митын Дада,
Цу нӕм алы бон ӕгас!
Митын Дада, рахӕс демӕ
Сывӕллӕттӕн заз бӕлас.
Заз бӕласыл – гагадыргътӕ,
Хуртӕ, стъалытӕ мӕ мӕй.
Заз бӕласыл – хъазӕн мӕргътӕ -,
Хъзӕнт къалиутыл фӕрнӕй.
Митын Дада, Митын Дада,
Цу нӕм алы бон ӕгас!
Ирыбӕстӕн алы хатт дӕр
Амондджын куыд уа йӕ аз!
« Чызджыты кафт »
« Хӕдзаронтӕ »
Ирон рагон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ Ног аз куы ӕрцӕуы, уӕд уыцы ӕхсӕв цӕуынц хӕдзаронтӕ. Хӕдзаронтӕ алы хӕдзармӕ дӕр бахойынц, базарынц ӕмӕ хӕдзары хицау байгом кӕны дуар.
Хӕдзаронтӕ бацӕуынц ӕмӕ райдайынц зарын. Хӕдзаронтӕ фӕзарынц, цӕмӕй сын Ног аз ӕрхӕсса бирӕ хорздзинӕдтӕ: ӕнӕниздзинад, хъӕлдзӕгдзинад, бӕркад, амонд. Сӕ фыдбылызтӕ зӕронд азы куыд баззайой ӕмӕ сын Ног аз хорздзинӕдтӕ куыд ӕрхӕсса.
Уыцы рагон ӕгъдау абоны уӕнг дӕр ӕрхӕццӕ махмӕ. Ӕмӕ бирӕ сывӕллӕттӕ уынгты хӕдзаронтӕ, - хӕдзаронтӕ заргӕ фӕцӕуынц. Уый у хорз ӕгъдау, рӕсугъд ӕгъдау. Хъӕлдзӕгдзинад хӕссы алы хӕдзарӕн дӕр.
« Нӕуӕг боны зарӕг »
Хӕдзаронтӕ, хӕдзаронтӕ!
Фӕцӕуынц уӕм дӕрдбӕлццонтӕ…
Ӕддӕмӕ – ма сӕм ракӕсут!
Уӕ мӕсыгмӕ сӕ бакӕнут!
Хӕдзаронтӕ, хӕдзаронтӕ!
Фӕцӕуынц уӕм нӕуӕг бӕнтӕ…
Уӕ алы аз дӕр хорзӕй уынат!
Уӕ фидӕнмӕ фӕрныгдӕр уат!
Уӕ лӕг уын саг куыд амара!
Уӕ ус уын тыр куыд ныййара!
Хъӕу – фаг куывд уӕм куыд ӕрцӕуа!
Уӕ басылы къус мӕн куыд фӕуа!
Хӕдзаронтӕ, хӕдзаронтӕ!
Фӕцӕуынц уӕм нӕуӕг бонтӕ!
Фӕхӕссынц уын нӕуӕг хӕрзтӕ
Фыццаг хӕрзтӕй хуыздӕр хӕрзтӕ!
« Хӕдзаронты арфӕтӕ »
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд! Ӕнӕмаст, ӕнӕфыдбылыз, зӕрдӕрухсӕй куыд цӕрат. Уӕ фыдбылызтӕ зӕронд азы куыд баззайой.
Ног аз та уын амонд куыд ӕрхӕсса!
Ног аз уын ног хӕрзтӕ ӕрхӕссӕд! Ирон адӕмӕн, ӕппӕт дунейы дзыллӕтӕн дӕр сӕ фыдбылызтӕ, сӕ низтӕ зӕронд азы куыд баззайой. Зӕронд азы цы хорздзинӕдтӕ уыд, уыдон та нын ног азмӕ куыд рахизой.
Ног аз ӕмӕ уӕ Цыппурсы хорзӕх уӕд! Ӕнгом, фӕрнджын хъӕубӕстӕ стӕм ӕмӕ ӕнӕфыдбылызӕй, амондӕй ӕфсӕст цы уӕм, ахӕм амонд хӕссӕг фӕуӕд Ног аз!
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд! Ӕрхӕссӕд уын ног хӕрзтӕ, амонд, бӕркад, сабырдзинад.
Хъӕлдзӕг Ног азтӕ ӕрвитут!
Ирыстоны цӕрджытӕ!
Зӕрдӕбын арфӕтӕ уын кӕнын Ног азы боны фӕдыл. Ӕнӕниз, амондджын ӕмӕ фӕрнджын ут!
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд!
Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, слӕууӕм ма нӕ заз бӕласы цур ӕмӕ йын
азарӕм.
« Заз бӕлас » (Заз ӕмӕ сабитӕ)
Ды нӕ заз бӕлас,
Матӕрс, матӕрс уазалӕй,
Мах ӕсхъарм кодтам
Дӕу нӕ зарджытӕй.
Худгӕ стъалытӕ,
Бирӕ, бирӕ хъазӕнтӕ
Мах дӕ къалиутыл
Абон сауыхтам.
Ноджы акӕсут
Махмӕ, махмӕ рхӕццӕ у
Урс зӕронд дада
Хъарм кӕрцы тыхтӕй.
Уый ныр хъазынтӕ
Немӕ, немӕ райдыдта
Немӕ райдыдта,
Ам дӕ алы фарс.