Обычаи осетинского народа в произведениях осетинских писателей. Автор: Габуева Неля Таймуразовна. Работа №123193
Нывæст
I. Разныхас
Æгъдау – нæ фыдæлты хæзна
II. Сæрмагонд хай
«Ныхасы» функцитæ ирон адæмы царды.
Уазæджы æгъдау
Тугисыны æгъдау
Ирæд исыны æгъдау.
Иронвæндаг. Марды æгъдæуттæ.
«Зиу»
Хидарыны этикет.
III. Кæронбæттæн
«Алкæмæн йе ‘гъдау йæ гакк у»
I. Разныхас
Æгъдау… Уыцы дзырдæй фылдæр та цы ахады адæймаджы цæсты. Адæймаджы цард æмæ хъуыддæгтæ иууылдæр арæзт сты бæлвырд æгъдæуттæм гæсгæ. Адæймаг сывæллонæй йæ базæрондмæ царды даргъ фæндагыл цæуы алыхуызон æгъдæуттæм гæсгæ.
«Какой бы ни был народ, маленький или большой, для него родной язык дорог, близок, велик, кто не любит своих традиций, у кого нет патриотических чувств, тот не может любить никого и ничего».
Зæххыл алы адæмы мыггагмæ дæр йæхи æгъдау хорз кæсы, фæлæ дзы ирон адæмæй стырзæрдæдæр ничи кæны йæ мадæлон æвзаг æмæ æгъдæуттыл.
Зæрдæрыст у, не ‘гъдæуттæй нæ адæмы дæр æмæ алы ирон адæймаджы дæр рæсугъддæр чи кæны, уыцы æгъдæуттæ рохгонд кæй цæуынц, уый. Ирон адæмæн кад цæй тыххæй кодтой, уырыссаг, фæсарæйнаг ахуыргæндтæ, бæлццæттæ сæ куыстыты, сæ фыстæджыты кæй тыххæй фыстой, уыцы æгъдæуттæ.
Всеволод Миллер, зынгæ уырыссаг ахуыргонд, 1879 азы ссыд Ирыстонмæ. Дыууæ азы дæргъы фæцард ирыстойнаг хохаг хъæуты, ирæтты ‘хсæн. Базыдта нын не ‘взаг, æмбырд кодта фольклор, фæлæ йæм бынтон диссаг фæкастытсы ирон уæзбын ныхас, хистæрæн кад кæнын, ныййарджыты уарзын, кæстæр хистæримæ фынгыл кæй нæ бадтис, кæстæртæй кæй никуы никæд федта нуазгæ, тамако дымгæ, хъæрæй дзургæ.
Раст дæн æви нæ, нæ зонын, фæлæ куыд тынг адард стæм ныры дугимæ абаргæйæ уыцы заманæй, «куыд нал нæм ис æгъдауыл хæст хистæртæ æмæ уыдон хъомылгонд кæстæртæ, куыд нал уынæм мах уыцы æгъдæуттæ, уыцы æфсармдзинад»
Тæссаг у, агуринаг куы фæуой, адæмтæ нæ æмбисæндтæ цæй тыххæй хастой, уыцы æгъдæуттæ, куы сæ сæвæрæм музейы.
Национ хиæмбарынад цы адæммæ нæй, йæ историмæ, йе ‘взагмæ, йæ уидæгтæм хæдзардзин цæстæй чи нæ кæсы, уый йæ сæфты къахыл лæуд у, æгад у иннæ адæмты цæсты, хорзæй йæм мацæмæ æнхъæлмæ кæс.
Раст сты ирон æмбисæндтæ:
« Цардæн йæ хъæздыгмæ ма бабæлл, фæлæ йе “гъдаумæ»
«Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис»
«Кад агургæйæ нæу, æгъдауæй йæ ссарын хъæуы»
«Дунейы сæр æгъдау у!
Ацы æмбисæндтæй бæрæг у, цы аргъ кодтой нæ фыдæлтæ æгъдауæн, уый.
Хистæр кæстæрæн фæндагамонæг у, фæлтæр фæлтæрæн йæ фарн ныууадзы, æмæ йыл стырзæрдæ чи у, куыдфæндыйы цæстæй йæм чи кæсы, уымæн нæй Хуыцау дæр, зæд дæр, нæй йын фидæн.
Иуныхасæй, не ‘гъдæуттæ сты нæ хæзна. Зынаргъ хæзнайæн та стыр аргъ кæнын хъæуы.
Фыдæлтæ цы цардæй цардысты æмæ цы æгъдæуттыл хæст уыдысты, уымæ фæсивæд лыстæг куы кæсой, уæд сын æнцондæр уыдзæнис, уыцы рагон царды хорз æмæ рæсугъдæй цы уыд, уый равзарын æмæ ныры царды фидар кæцы æгъдæуттыл хæцын хъæуы, уый сбæлвырд кæнын.
II. Сæйраг хай.
«Конечной целью изучения литературы является становление внутреннего мира человека – морали, культуры, красоты». Ацы хъуыды чи загъта, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ нын æй арæх фæдзурынц нæ литературæйы ахуыргæнджытæ. Ирон литературæйы урочыты мæм уæлдай цымыдисагдæр кæсынц , уацмысты ирон æгъдæутты æрфыстытæ кæм ис, уыдон.
Литературон уацмыстæ, кæцыты æвдыст сты ирон адæмы цардыуаг, ирон æгъдæуттæ, уыдон цымыдисдæрæй фæкæсын, фæархайын сын сæ мидис арфдæр бамбарыныл, фæбарын сæ ныры цардимæ.
Тынг мæ зæрдæмæ айстон, æмæ мæ дисы æфтауы НЫХАС. Рагæй-æрæгмæдæр ирон царды зынгæ бынат ахста Ныхас. Уымæн уыдис æхсæнадон æмæ культурон нысаниуæг, историон ахадындзинад. Абайты Васо ацы æмбарынад амоны афтæ: « Ныхас - хъæуы æрвылбоны хъуыддæгты æвзарынæн æмбырд; лæгтæ ныхас кæнынмæ цы фæзы æмбырд кæнынц, уыцы бынат». Ныхасы функцитæ уыдысты бирæ, стæй уæрæх. Этнограф Н. Берзенев 1852 азы фыста: «Ирон адæм цыфæнды æхсæнадон хъуыддаг дæр лыг кæнынц Ныхасы уынаффæйы; Ныхас у хъæуы æмбырд, вæййы хъæуы астæу бæрæг фæзы; ам сæ фæнд уæлдай тынгдæр цæуы хистæртæн сæ кармæ гæсгæ, фæлæ дзы уæддæр алкæмæн дæр ис дзырд æмæ хъæлæсы бар. Тæрхоны хъуыддæгтæ, хицæн хæдзæрттæ æмæ мыггæгты быцæутæ, давд æмæ туджы фиддонтæ – æппæт дæр æвзæрст цæуынц уыцы æмбырдты».
Фæлæ Ныхасы сæйрагдæр функци уыд кæстæрты хъомыладон скъола, æнæ амонгæйæ, æнæ искæмæ бадзургæйæ, уый йæхæдæг уыд хигъæдон скъола. Уым лæгæн уыдис фадат: уым рæзыд зонд, хъæздыг кодта йе ‘взаг, фылдæр кодтой йæ арæхстдзинæдтæ æмæ хъару, арфдæр æмæ уæрæхдæр кодта йæ зондахаст.
Ныхасы æрфыст æмæ уымы архайд ирдæй æвдыст цæуынц «Нарты кадджыты», Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»-ы, Хъаныхъуаты Иналы очерк «Ирон хъæу»-ы, Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Хазби»-йы, Къостайы уацмысты. Хистæрæн цыт кæнын социалон фæтк нæу, фæлæ æгъдау, этикеты домæн. Хъаныхъуаты Иналы сфæлдыстадимæ урокты нæма зонгæ кодтам, фæлæ мæ куыст фысгæйæ базонгæ дæн йæ очеркы хицæн сæргæндтимæ. Уым иу ран Инал фыссы: «Ныхасмæ куы бацыдтæн, уæд бадгæ чи кодта, уыдон сæ бынæттæй сыстадысты, салам мын радтой, бадын мæ кодтой, фæлæ мæнæн æгъдаумæ гæсгæ бадын не ‘мбæлди, уымæн æмæ æз уыдонæй кæстæр уыдтæн». Фæлæ Ныхасы бар кæстæртæм дæр хауд.
Брытъиаты Елбыздыхъойы «Хазби»-йы куырыхон хистæр Ислам зæгъы Хъобаны Ныхасы: « Æмæ хистæртæ йеддæмæ нæ хъæуы ничи ис? Кæстæртæ, фæсдуар кæй фæкæнæм, ахæм сты? Кæннод нæ фыдæлты дзырд «Зонд кæстæрæй хистæры сæрыл нæу», зæгъгæ, никуы фехъуыстат?»
Ныхас уыд уынаффæдон. Инæлар Абхазы ультиматум Хъобан æвзарынц сæ Ныхасы. «Хазби» Уыимæ Ныхасы уынаффæ уыд закъон, нæ уыд йæ сæрты ахизæн. Уыцы фæтк чи хæлдта, Ныхасы фæндон чи нæ æххæст кодта, уый цыди карз æфхæрд – иварæй суанг хъодыйæ дæр.
Ныхас уыд адæмон культурæйы бынат дæр. Сырдон фæндыр куы скодта, уæд рацыд Нартмæ. «Ныхасы йæ ныцццагъта». Уым уыди курдиат равдисæн. Ныхасы æвзæрдысты ног таурæгътæ æмæ æмбисæсндтæ. Бирæ курдиатджын фысджытæн, чысыл ма уæвгæйæ, се уæнгты ахъардта ирон аив дзырдарæхст, бирæ уацмыстæн сæ бабæттæн ис Ныхасимæ, уым сын фехъуыстой сæ сюжет, стæй сæ фæстæдæр сарæзтой аив литературон уацмыстæ.
Хицæн сюжетты Сырдон азфыссæгау хынцы царды цаутæ, Нарты æууæлтæ æмæ сæ бафтауы «æнусон кадæгмæ». Цард иугæндзон цинтæй арæзт нæу, æмæ Сырдоны фæндыр хъыгты рæстæджы кæны «уынгæг кадæг», æмæ йæм Нарты фæсивæд хъусынц мæрддзыгойау. Сырдоны раны-иу уыди Хъуыбады дæр: йæ аивад кæм худын кодта, кæм та кæуын.
Ныхас уыди хиирхæфсæн. Хъаныхъуаты Инал фыссы: «…обаумæ æрæмбырд вæййынц хъæуы лæгтæ æмæ лыг кæнынц хицæн кæнæ æхсæны хъуыддæгтæ, кæнæ та æрвитынц сæ уæгъд рæстæг æмæ сæхи ирхæфсынц хъазæн ныхасæй. Кæрæдзийæн дзурынц ног цаутæ – хицæутты бардзырдтæ, хосгæрдæны хабæрттæ. Хатгай дзы райхъуысы хуыйы сæры иугъæдон цагъд. Фæндыры цагъдмæ урсбоцъо зæронд лæг сисы Чермены зарæг».
Ныхас уыд фыдрохгæнæн дæр. Коцойты Арсены радзырд «Сæумæрайсом»-ы Таймураз рацæуы ныхасмæ… « Ам айрох вæййынц йæ зæрдæйы мæстытæ».
Ныхас адæмæн уыд театр дæр. Ам, хабæрттæ мысынмæ дæсны чи уыд, артистау фæзмынын æмæ дзурынмæ чи арæхст, уыдон канд дзырдарæхстæй фыдæлты хабæрттæ нæ дзырдтой, уыдон аив фæзмыдтой сæ хъæуккæгты, сæ зонгæты. Ныхасы традицион уыд музыкæ æмæ зарынæй ерыс кæнын.
Ныхас уыди хицæн куыстыты бынат дæр. Хуызджын нывтæй йæ æвдисы Елбыздыхъо. Ныхасы иутæ нæрвæй нæмынц æрчъиаг, иннæтæ зилынц цыргъгæнæн цалх, дарынц сæ кæрдтæ. Архайынц æхсæны тыхæй, иумæйаг хъарутæй. Хæлары фæллой ерысæй кæнынц лæвар, æмæ сæ куыст цæуы æхсызгон æмæ æнтыстджынæй.
Цард цард у, ис дзы бирæ фæзилæнтæ. Ныхас æрмæст рæстæвзарæн нæ уыд. «Адæймаг зоны хин митæ кæнын рæстдзинады тæразæн дæр, мулк æмæ тых цы тæбæгъыл æрæнцайынц, уый уæззаудæр разыны раст æмæ уарзты тæбæгъæй». Хетæгкаты Къоста фыста: «Уыимæ ахæм æмбырдты æппæт архайджытæн дæр уыдис æмхуызон бартææмæ дзы хъуыддаг хуыздæр лыг кодтой лæгæн йæ исбон æмæ равзæрд нæ, фæлæ йæ зонд æмæ дзыхы дзуапп», фæлæ куырыхон поэт зыдта, тæрхоны лæгтæ æдзух раст æмæ намысджын кæй нæ разынынц, уый дæр. «Уæлмæрдты» æвдисы лæджы хъизæмар зындоны, ихты:
Адон-иу фарсласæн сабийæ таубимæ
Кодтой сæ мæнг ардæй, растæн хæрамимæ
Иу барæн дардтой.
Ныхас уыди ирон фарны къона, ирон æгъдау, намыс æмæ культурæйы артдзæст. Ам нæ фæтчыд галиу митæ, галиу ныхæстæ, æлгъитын, кард ласын, искæмæ æвзидын, хыл, быцæу. Хъаныхъуаты Инал бæллыди «Ныхасы гæмæх обау дзурын куы базонид, уымæ».
Бæгуыдæр, уæд нын ирон Ныхас раргом кæнид æнусон диссæгтæ, радзурид нын фыдæлты æмбисæндтæ æмæ цы бирæ фæлтæртæ федта, уыдоны цард, уыдоны хъуыддæгтæ. Фехъусиккам куырыхон таурæгътæ, хъайтарон зарджытæ, базырджын æмæ худæджы ныхæстæ. Уыцы радзырд уаид нæ адæмы истори. Махæн та уаид хъомыладон æнæихсийгæ фурд.
Уазæджы сбуц кæнын ион адæмæн кады хъуыддаг у.
«Уазæджы аккаг буцдзинæдтæ нæй»
«Уазæг кадыл даринаг у»
«Фыдгулы хæдзармæ уазæг ма æрбацæуа»
Афтæ-иу загътой нæ фыдæлтæ.
«У цард ызнæт, æнæнцой – амонд,
Фæлæ ирон лæгмæ бæлццон
Фæззыгон хъызт æмæ къæвда бон
Ыссары уазæгуат бæстон»,- фыста Къоста «Кæуæг айнæг»-ы.
Уазæгæн кад кæнын æгъдау ирд æмæ хуызджынæй æвдыст æрцыд йæ поэмæ «Фатимæ»-йы.
Саламджындæр кæм ис Наибæй,-
Йæ уазæгдон нæ кæны цух:
Цæцæнæй, кæсæгæй, Гунибæй
Вæййы уым уазджытæ æдзух.
Сæ фысымæн йæ уарзт æмбаргæ,
Хæстон фæдис цыты фæстæ,
Фæкæнынц адджын ныхæстæ.
Фыдæлты “гъдау сæ зæрдыл даргæ,
Кавказы ууæнкджын сахъ фырттæ,-
Куы вæййынц туджджынтæ, уæддæр,
Æваст æмбæлды, йе æрхуынды
Æнæ хæрам, æнæ 'мбæхст хъуыды
Кæрæдзи хистæрæй хынцынц.
Ацы рæнхъытæй бæрæг зынынц суазæг кæныны æгъдæуттæ:
- æхсæвиуат цы уазæг кодта, уымæн кодтой кусарт;
- уазæджы фарстой йе ‘рбацыды сæрæй, æгъдау-иу ын куы радтой, уæд. Уый дæр уæзданæй: «Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста?»;
- фынджы уæлхъус бады фысымтæй исчи, уымæн æмæ алы хæдзары, сыхы, хъæуы, комы йæхи æгъдæуттæ ис;
- уазджытæ фынджы уæлхъус уыдысты æмсæр, туджджынтæ дæр ма бадтысты, кæрæдзи хынцгæйæ;
- алкæйы хæдзары дæр уыдис уазæгдон – æфснайд сатæг, кæнæ хъарм уат;
- уазæгæн дæттынц кады нуазæн;
- уазæджы бафхæрæн нæй;
- уазæгæн хуын хастой сыхæгтæ, фæсивæд йæ номыл арæзтой хъазт.
Иуныхасæй, уазæгæн уыдис стыр кад кæныны æгæъдау, æмæ хъуамæ уазæг дæр йæхи дардтаид, уыцы кады аккаг цæмæй уыдаид, афтæ.
Раджы дæр æмæ ныр дæр ирон адæммæ сывæллоны райгуырд нымад уыди стыр æмæ ахсджиаг хъуыддагыл.
«Сывæллон цы хæдзары нæй, æххæст хæдзар нæу»,- афтæ зæгъынц ирæттæ. Сывæллоны райгуырд нымайынц Хуыцауы фæндоныл, уымæн фæзæгъынц æнхъæлцау сылгоймагæй: « Йæхи бар нæу», зæгъгæ.
Æз райгуырдтæн хохы
Нæ хъæдкъул ыскъæт
Ныр дæр мæ нæу рохы
Æвгъæддон уыд уæд. «Чи дæ?»
Ног чындзæн зæнæг ныййарын уæлдай зындæруыди. Иуæй – æфсæрмы бинонты хистæртæй, нæлгоймæгтæй, иннæмæй – цæстдзыдæй тарстысты. Уый адыл араг сылгоймаджы цалдæр боны размæ æвгъæддонмæ кодтой. Уыдис ын æвгъæдгæс устытæ, ацы хъуыддагмæ хорз чи арæхст, кæуыл æууæндыдысты. Ахæм бынæттæ æвзæрстой скъæттæ, адæмæй иппæрд ран.
Гæдиаты Секъа йæ радзырд «Азау»-ы равдыста чызг æмæ лæппуйы райгуырд. Лæппуйы райгуырдыл бирæ фылдæр цин кæнынц æгас хъæубæстæ дæр чызджы райгуырдæй.
Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Хазби»-йы бæлвырдæй зынынц салам дæттыны æгъдау, хистæр æмæ кæстæры ахастытæ. «Алырдыгæй адæм æмбырд кæнынц. Зæрæдтæй чи æрбацæуы, уымæн адæм сыстынц, «Уæ ныхасы фарн», зæгъгæ, фæзæгъы, стæй йын, кæм æмбæлы, уым сбады.
Бинонты цард æмæ бинонты æмахастытæ дæр уынæм «Хазби»-йы. Хиуылхæцгæ, æлхъывд, фæлæ уææздан æмæ зæрдиаг у Хазби æмæ йæ къай Ханиффæйы ныхас.. Æмбарынц дыууæйæ дæр сæ фæстаг фембæлд кæй у, уый. Ханиффæйы домæнтæ сты хуымæтæг. Йæ ныхасы хъуысти уарзты зæлтæ æмæ фæлмæн уайдзæф дæр. Хазбийы дæр фæнды хъарм ныхæстæ зæгъын . «Хъæбыс æй кæны иу къухæй. Æрмæст хъавгæ , уæлæнгай: æгъдау нæ дæтты æндæр бар».
Æгъдау ам разынд лæгæвзарæн фæрæз. Ныхæй-ныхмæ æрлæууыдысты уарзт æмæ хæс. Персонажтæн ирон æгъдау фестад ныфсы хос. Хазби фидар æрхæцыд æнкъарæнты рохтыл. Зын уавæрæй ракæны Ханиффæйы дæр: «Ма ку! Худинаг у! Дæ файнустытæ дыл фæхуддзысты: йæ мойы фæдыл кæуы, зæгъгæ, дын фидис кæндзысты». Уавæр фæивта, хæс фæуæлахиз. Æнæрцæф сылгоймаг домы йæ бæлццонæй узæлд нæ, фæлæ хæсты æхсар æмæ патриотон сгуыхт.
Елбыздыхъо ма ацы драмæйы нывæфтыд кæны æфсин æмæ чындзы ахастытæ. Æгъдау у уды культурæ, зæрдæ æмæ зонды хъæбæр ныхас. Афтæ зыны æддаг бакастæй, æгъдау мады нæ уадзы йæхи тыхстæй æвдисын, - уæд æй уавæр æркæндзæн зæрдæхалæн хъарджытæм. Уый аив нæу. Мад тыхст æмæ кæуинаг уавæр ивы æгъдауы фæрцы, здахы йæ рухсвæдмæ. Кæны йæ бæрæгбонхуыз, тых ын дæтты, патриот фыртæй сæрыстыр кæй у, уый.
Фылдæр ирæтты уырны, адæймаг ацы дунейæ куы ацæуа, уæд мæрдты Барастыры бæстæйы ног цард кæй райдайы, уый. Фæлæ амæлæг уд се ‘хсæнæй æндæр, æбæрæг бæстæмæ кæй фæцæуы, æнустæм йæ бинонты кæй ныууадзы, уый вæййы хионтæн, хæлæрттæ æмæ йæ хорз чи зыдта, уыдонæн сæ сагъæсы сæр, сæ хъыг, уæлдайдæр та йæ уæлæуыл цард цыбыр æмæ уæззау куы вæййы, уæд.
Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты…
Мард ныгæныны æгъдау ирдæй равдыста Къоста йæ æмдзæвгæйы «Уæлмæрдты». Мæрдджынтæн сæ фарсмæ æрбалæууын, ныфс сын бавæрын, сабаттаг нывæрын, æндæр исты лæггад бакæнын, мардæн та фæстаг «фæндараст» зæгъын алы ирон лæгæн дæр хæс у.
Марды кæнды уыд бæхфæлдисыны æгъдау. Уый нæм æрбафтыд суанг скифтæй. Мардæн фæлдыстой бæх йæ баныгæныны хæдразмæ. Фæлдисыны æгъдау амыдта, канд куыд æмæ цы аразын хъæуы, уый нæ, фæлæ ма, цы дзурын хъæуы, уый дæр.
Бæх-иу агуырдтой æппæты хуыздæр рæгъауы, ингæны уæлхъусмæ-иу æй æрбакодтой. Бæх сфæлындзынц. Саргъ æмбæрзт вæййы сау æмбæрзæнæй, кæнæ нымæтæй. Йæ къуди быд æмæ æлхынцъ. Æрбакæны йæ æрыгон лæппу. Ныр сæйраг архайæг бæхфæлдисæг у. Уый вæййы дзырдарæхст, зондджын адæймаг. Галиу къухæй хæцы идоныл, иннæ къухæй – сыкъайыл. Æрбацæуæг адæмæн зæгъы фыдохы боны фæдыл иу-цалдæр ныхасы. Масаллай зæгъы мæрдджын бинонтæн, ранымайы йын йæ сгуыхтдзинæдтæ, йæ царды дæргъы йæ адæмæн хорзæй цы сарæзта, уыдон.
Марды кæнды цымыдисаг у иронвæндаг. Йе стыр тых ацы æгъдауæн равдыста Беджызаты Чермен йæ новеллæ «Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз»-ы. Ацы рагон æгъдауыл бирæ диссæгтæ фæфыстой этнографтæ, историктæ, æвзаг иртасджытæ. Лæгтæ, иронвæндаг кæнгæйæ, сæрмагонд гæрзын цыбыр ехсытæй сæ тæрныхтæ, сæ бæрзæйтæ цæвынц, сылгоймæгтæ уæрджытæ æмæ сæртæ къухæй хойынц, дзыккутæ рæдувынц, рустæ тонынц. Исчи зæгъдзæн, уый аив нæу, зæгъгæ. Фæлæ ахæм æгъдау кæнынæн уыдис фæтк. Фыдгæнæгыл йæ рустæ ничи тыдта. Коцойты Арсены радзырд «Афтæ дæр вæййы»-йы Саугудийы мардыл иу цæссыг дæр нæ калынц хъæуы адæм, уымæн æмæ фæмард кæйдæр бæхтæ давгæйæ.
Кадджын марды размæ цыдысты ацы æгъдауимæ. Хъарæг кодтой сылгоймæгтæ. Хъарæджы ныхæстæ, къæхты уæззау æмæ даргъ айстимæ иу кодтой армытъæпæнтæй уæрджыты æмæ уадулты цæфимæ. Цыдысты гæзæмæ гуыбырæй. Сæ развæндаг уыди быгъдæг. Мардмæ сæ бахæццæйы онг мæрддзыгой адæм лæууыдсты дыууæ фарсæй æмæ сæргуыбырæй кастысты иронвæндаджы уагмæ.
Чермены новеллæйы Æлбегаты мыггагæй баззайы иу бындар – Батай. Уый удæгасæй йæхи ныгæны йæ фыдæлты зæппадзы. Адæмы катай сси адæймаджы мæлæтæй фервæзын кæнын, мыггаджы æвæдæй бахизын кæнын. Таурæгъ фестад кадæг, царды гимн. Нæй лæппуйæн ракæнæн. Фæстагмæ фæзынд ног амал, тæссаг фæрæз. Цæрдудæй ныгæды мæлæтæй цардмæ ракæндзæн æрмæст уарзондзинад. Ирон æгъдау йæ фидауц æвдисы Барсæгаты хистæры хæдзары, бæрзонд æй сисы Бæтæджы зонд. Бæтæг у æххæстбарджын патриарх, уый у дзырддзæугæ лæг, нæй йæ мыггагæн йæ ныхасæн дыууæ зæгъæн, нæй ахизæн йæ барвæнды сæрты. Бæтæг ахызт мыггагон æгъдауы сæрты æмæ скодта ног гуманон æгъдау царды сæрвæлтау. Сылгоймæгтæ, сæ разæй Барсæгаты уайсадæг чындз, афтæмæй иронвæндаг кæнынц Батайы зæппадзмæ. Хъарæг сси уарзты зарæг, трагикон зарæг, уымæй байгом ингæны дуар, мæрдтæй рацыд адæймаг.
Барсæгаты дыккаг æмбырд у маст æмæ зонды быцæу. Барсæгатæй ирон æгъдау домдта худинаг тугæй æхсын. Бæтæджы йæ зонд уыцы æгъдауæй бæрзонддæр систа. Уый зоны цард æмæ адæмы уаг: «Мæлæт? Æмæ кæд уыди мæлæт мæрддзаг хæдон худинагæн? Мæлæт? Мæлæт цæсгом не ссыгъдæг кæндзæнис худинагæй!» Æмæ рахаста, иратаманы чи не ‘рцыд, ахæм уынаффæ: баиу кодтой дыууæ уарзоны – сæ чындз æмæ Батайы. Кады рухсы басыгъд худинаг.
Елбыздыхъойы трагеди «Хазби»-йы трагеди нывæст у национ æууæлтæй. Уацмысы финал у иронвæндаг. Нана рацæуы, йæ рæхыс йæ астæуыл, афтæмæй. Хъарæг у фольклоры хъомысджындæр поэтикон жанр. Мады хъарæг бæрзонд сисы уацмысы трагедион зæлынад. Уый у Нанайы фæстаг монолог, уым стымбыл ис уацмысы мидис, цауты трагизм, æфхæрд адæмы рыст. Хъарæг удджын кæны мады хъыгтæ, кад кæны геройы сгуыхтæн, нывæфтыд кæны саст адæмы хъысмæт, хъусæм зæрдæхалæн дзыназын, фæлæ нæ цæстытыл уайы Райгуырæн бæстæ – уый бацыд Нанайы хуызы:
Мæхиуыл нæ кæуын-
Мæ иунæджимæ
Амард Иры кад, фесæфт сæ бар…
Мæ сагъæс мæ рыст дзыллæйы ‘фхæрдыл у
.
Уæ, Иры фæсивæд! Ма уæ ферох уæд
Уæ дзыллæйы сæфт,
Зæгъут-иу, зæгъут,
Уæ фырттæн уе ‘фхæрд,
Зæгъут-иу уæ фыртты фырттæн
Уæ худинаг.
Ма ферох кæнут
Ацы ‘фхæрдтæ,
Уæ, Иры фæсивæд!
«Прежде чем оплакивать убитого, осетины оплакивают убийцу»,- йæ уацхъуыдтæй иуы фыста Къоста. Ирон æгъдæуттæй фесафын кæцы хъуыд, уыдонæн сæ иу тугисыны æгъдау уыд. Ацы æгъдау уыд æппæт адæмы царды дæр бæлвырд историон къæпхæныд æвæрд. Уый уыд мыггагон царды æгъдау, æмæ йын уыдис мыггаджы интерестæ хъахъхъæнæн фæрæз. Марды ныхмæ – мард, тугæн – туг. Ивта тугисыны æгъдау. Кæд раздæр ацы æгъдау урæдта марæджы, уæд паддзахадон барадон оргæнтæ, ног закъонтæ куы фæзындысты, уæд та сси фæстæзад æмæ зианхæссæг æгъдау. Коцойты Арсен ын уыдта йæ фыдбылызтæ æмæ сæ æвдыста йæ уацмысты реалистон фæрæзтæй, бæзджын æмæ хуызджын ахорæнтæй. Арсены радзырд «Сæумæрайсом»-ы цы трагикон цаутæ æрцыд, уыдонæн се ‘нхъизæн у фидис.
Таймуразы фырт мæрдты бæстæм бацыд кæйдæр къухæй, æмæ йын уый йæ тых сæтты, йæ цард ын сæнад, ирон æгъдау домдта ирон лæгæй туг исын. Хъæубæсты куырыхон адæм бацархайдтой дыууæ мыггаджы бафидауыныл. Фæлæ Ныхасы Таймуразæн чидæр бафидис кодта, йæ цæстмæ йын бадардта, йе ‘гъдау кæй нæ сæххæст кодта, уый. Уый адыл фехæлд фидыды фæндон æмæ фыдæх фæуæлахиз. Фынтæ æмæ сæнттæ æвзæрынц кæнынц уырнынад æмæ карз æгъдæуттæ.Таймуразы дæр йæ фынтæ, уыцы фидис бынтон тыхст уавæрмæ æркодтой. Туг исын æрхаудта зæронд лæгæй æвæлтæрд сабимæ, цардбæллон лæппумæ, йæ иунæг фыртмæ. Сæ иунæг бындары зæрдæйы баппæрстой туг исыны æгъдауы æнхъизæн. Фыдохæй æвзæры фыдох. Сæумæрайсом æрцыд трагикон цаутæ. Цыппар æгъатыр марды. Трагеди арфдæр кæны адæмы хатдзæгтæй: «Хъуыддæгтæ аразæг Хуыцау у». Афтæмæй та тугкалд æрцыд æрмæстдæр æгъдау сæххæст кæныны тыххæй.
Ирон æгъдау – ирæд исын –сылгоймаджы уавæр кодта уæззау, æвæрдта йыл «æлхæды» ном. Йæ фæстиуджытæ йын æвдыстой æмæ сын карз тæрхон хастой Къоста, Секъа, Елбыздыхъо, Кочысаты Розæ, Коцойты Арсен. Уыдон ацы æгъдау схуыдтой «нæ фыдбылызты фыддæр».
Ирæд исыны фæстиуджытæ хорз æвдыста Арсен йæ уацмысты, йæ карикатурæты. Йæ фесафыны тыххæй æмдзыхæй дзырдтой Иры ахуыргонд лæгтæ. Арсен ацы æгъдау баста национ проблемæтимæ. Йæ амындты фыста, зæгъгæ, ирæды тыххæй бирæ сабыр лæппутæ бафтынц давыныл æмæ сæфынц, кæнынц худинаг митæ – скъæфынц чызджытæ. Фæлæ уымæй фылдæр сты ирæды фыдбылызтæ.
Ирон адæммæ фæллойадон хъомылады хорз скъола уыди зиу – искæмæн лæвар бакусын, мæгуыр бинонтæн хæдзар, сара саразын, сæ хуым бафснйын, хос сын ныккæрдын. Къоста дæр стыр аргъ кодта зиуæн æмæ куырдта ирон адæмæй, цæмæй ма рох кæной мæгуыр бинонтæн, сидзæргæстæн, æфхæрд адæмæн феххуыс кæнын.
Ирон царды зынгæ бынат ахсы фынг. «Уый уазæгæн йæ фæллад сафы, зианджынæн – йæ хъыг», - фыста Къоста. Фынг та фидауы кувынæй, гаджидауæй. «Осетины вообще народ трезвый, но в торжественных случаях, при так называемых кувдах, они пьют араку или пиво. В обыкновенное время они не чувствуют потребности в крепких напитках» В. Миллер.
Афтæ уыдис ирон царды уаг. Гаджидау у зонды ныхас, фæдзæхст æмæ ныстуан кæстæртæн. Гаджидауы куырыхон хистæр дзуры адæмы фæндиæгтæ, уымæ гæсгæ йæ мидисы зынынц царды æууæлтæ. Кувæг лæг вæййы куырыхон æмæ дзырддзæугæ.. Къоста йæ кадæг «Хетæджы» рæстдзæвин ныхæстæй æвдисы ахæм цытджын лæджы фæлгонц:
Уæллаг уазæгдоны бадтысты хистæртæ…
Зæронд Солтан сын ныллæууыд рæгъгæнæг,-
Кувынмæ – пахуымпар – нуæзтæн – нæртон уæйыг,
Афтæмæй ноджы лæппу-лæгау хъæлдзæг.
Ирон адæммæ кадджын уыд у кусæг адæймаг, куыст.
«Куыст – цардæн фæрæз»,- фыста Къоста поэмæ «Чи дæ?»-йы.
«Цард кусæджы уæхскыл бады», - фыста Секъа.
«Куыст кæмдæриддæр куыст у æмæ йын аргъ ис»,- фыста Елбыздыхъо.
Æнусты дæргъы нын æгъдау амоны уæзданæй цæрын.
III. Кæронбæттæн
Æгъдау у царды фидауц. Ирон литературæйы зынгæ бынат ахсынц æгъдауы проблемæтæ. «Æгъдау нæ æрцахста æмæ нæ кæдæм кæна, уырдæм бар-æнæбары дæр цæудзыстæм. Уый нын æгъгъæд у. Фæлæ нæхуыддæг цы тагъд кæнæм не ‘взаг рох кæныныл? Цæмæй схъыг стæм? Цæмæн æппарæм не ‘гъдæуттæ, сæ фылдæр ахуыргонд адæмæн дæр бæллиццаг сты…» Елбыздыхъо
Ам ницы хистауæн ныхас ис. Академик В. Миллер æмбисондæн хаста ирон æгъдау: «в осетинской сакле соблюдается этикет строже, чем в европейских раззолоченных палатах».
Æгъдау у характеры айдæн. Фыдæй фыртмæ алы адæмæн дæр сæрмагондæй йæхи дзыллон цæсгом ис, уыимæ бæлвырд намыс, æгъдæутты аив ахаст æмæ цæрыны фæрæзтæ иугæндзонæй – хи уаг, хи фæтк.
Рæстæг цæуы, фæлтæр ивы фæлтæры, æмæ ивы цард дæр. Уымæн æмæ иу фæлтæр иннæйы бынтон нæ фæлхат кæны, кæд ын йæ фæлтæрддзинад исы, уæддæр цардмæ кæсы йæхи цæстæй, хæссы йæм йæхи кæнонтæ æмæ раст кæны.
Æгъдæуттæ се ‘ппæт æппаринаг не сты. Хъæуы сæ æвзарын, хъæуы сæ царды фæткыл фидар кæнын. Иуæй-иу хатт мæм афтæ фæкæсы, зæгъгæ, хъоды æрбаздæхт, уæд нæм уас æнæуаг митæ нал уаид.
Ирон æгъдау, фыдæй фыртмæ уыдтæ,
Цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой дæу адæм,
Рæбинаг цæджындз басгуыхти нæ цардæн,
Фыдохы бон уа, цины уа, хъуыдтæ. Джыккайты Ш.
Литературæ
1. Гæдиаты Секъа «Уацмыстæ», Дзæужыхъæу, «Ир», 1991 аз
2. Хетæгкаты Къоста Уацмысты æмбырдгонд, 5т., Дзæужыхъæу, «Ир», 2002 аз
3. Нигер Уацмысты æмбырдгонд, 3т., Дзæужыхъæу, «Ир», 1968 аз
4. Коцойты Арсен Уацмыстæ. Дзæужыхъæу, «Ир», 1991 аз
5. Брытъиаты Елбыздыхъо Уацмыстæ. Дзæужыхъæу, «Ир», 1991 аз
6. Джыккайты Шамил «Разагъды лæгтæ» Дзæужыхъæу, «Ир», 1999 аз
7. Джыккайты Шамил «Ирон фарн» Дзæужыхъæу, «Ир», 1986аз
8. Джыккайты Шамил «Ирон литературæйы истори» Дзæужыхъæу, «Ир», 2000 аз
9. Абайты Васо Избранные труды, Владикавказ, Ир, 1990 г.